Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 493 ног цау сбæрæг ис, 552 пациент сæнæниз ис
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 493 ног цау.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 552 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 10 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масшæбæй басгæрстой 19 869 адæймагы, сæ нымæцы, 13 410 басгæрстой антигены тестæй æмæ 6 459 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,48 %, фæстæг 14 боны – 2,4 %, фæстæг авд боны – 2,4%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг сты коронавирусæй инфицирады 268 995 цаутæ, уыдонæй 262 796 снæниз сты, 34 57та амард.
Карантины режимы сты 285 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1606, клиникон фысымуаты сты 192 уæнгы.