Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  417  ног цау  рабæрæг ис,  снæниз сты 2 469 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 417 ног цау рабæрæг ис, снæниз сты 2 469 пациент

Гуырдзыстоны  коронавирусæй  инфицирады 538  ног цау  сбæрæг ис.  Уый фæдыл  информаци, хъусын кæны  хицауады  пресс-куыст.

Афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæ, бæстæйы   фæстаг 24  сахаты  2 469 пациент  снæниз ис. Фæстаг æхсæв-боны мидæг   коронавирусæй рынчын 31 пациент амард.

Æмтгæй райсгæйæ, Гуырдзыстоны  коронавирусæй инфицирады 229 169 цау  у  бæрæг, уыдонæй  220 442 снæниз сты, 2 603 адæймаг та амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй  басгæрстой  2 795  адæмагы, сæ  нымæцы  1 868 басгæрст антигены тестæй  æмæ   927та «PCR» тестæй.

Карантины режимы сты  386 æмбæстаг, стационары  цæстдарды  бын – 4 209, ковид-фысымуæтты 840.

Афтæма, 2  январы бæрæггæнæнтæй,  Гуырдзыстоны  коронавирусы  342  ног цау  рабæрæг ис, 2981 пациент та снæниз сты.