Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 778 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 753 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 778 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 753 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  4 778 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд  Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge .

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 4 753 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 79  пациент  амард.

Уыимæ  иумæ, веб-фарсыл публикацигонд информацийы куыд у банысангонд, уымæ гæсгæйæ,   фæстаг 24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 43 741  адæймагæн, сæ  нымæцы –  31 605  антигены тестæй  æмæ   12 136 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 10,92%, фæстаг 14 боны –  10,26 %, фæстаг  7 боны – 9,76%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   549 811 цау, уыдонæй  493 414 сæнæниз сты, 7 408  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  – 1 184 306  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 25 670.

Карантины режимы сты 78 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 7 457, клиникон фысымуаты сты – 2 840 уæнгы.