Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 426 ног цау сбæрæг ис, 3 721 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 426 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны хицауады пресс-куыст.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 3 721пациент.
Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 34 пациент æрбамард.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 132 368 цау, уыдонæй 110 049 снæниз сты, 1 230 та амард.
Карантины тыгъдады сты 2 033 адæймаг, хиизоляцийы сты 54 464 æмбæстаг, 6 373 стационары цæстдарды бын сты, ковид-фысымуатты – 3 945.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Знон Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 472 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 4058 пациент.