Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 260 ног цау сбæрæг ис, 2 947 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 260 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры хæдивæг Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы брифингы рæстæджы загътæ.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 2 947 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 45 пациент æрбамард.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 147 636 цау, уыдонæй 124 568 снæниз сты, 1 387 та амард.
Карантины тыгъдады уæвынц 1974 адæймаг, хиизоляцийы 50 544.
6561 адæймагæн хос кæнынц рынчындæтты, 3 867 адæймаг ис ковид-фысымуæтты, 11 227 пациент та хос кæныны курс цæуы хæдзары уæвгæйæ.
Гуырдзыстоны знон рабæрæг ис коронавирусæй инфициарды 4033 ног цау, снæниз ис 4061 пациент.