Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 033 ног цау сбæрæг ис, 4 061 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 033 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры хæдивæг Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы брифингы рæстæджы загътæ.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 4 061 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 39 пациент æрбамард.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 143 376 цау, уыдонæй 121 621 снæниз сты, 1 342 та амард.