Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 028  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 22 517 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 028 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 22 517 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  4 028  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 22 517  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 21 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  9 688  адæймагæн, сæ  нымæцы –  6 768  антигены тестæй  æмæ   2 920  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 41,58%, фæстаг 14 боны –  31,92%, фæстаг  7 боны  – 33,03%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 458 093  цау, уыдонæй  1 270 759  сæнæниз сты, 15 577  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 775 482   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 478.

Карантины режимы сты 10 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 202, клиникон фысымуаты ис  1 481  уæнгы.

Знон, 13 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  15 712   ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  21 623    пациент, 40 адæймаг та  амард.