Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 352 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 808 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 352 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 808 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы фараст пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 14 074 адæймагæн, сæ нымæцы – 6 102 антигены тестæй æмæ 7 972 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,5%, фæстæг 14 боны – 2,47%, фæстæг авд боны – 2,34%.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты –– 254 737 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 604.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 363 874 цау, уыдонæй 350 466 снæниз сты, 5 275 та амард.
Карантины режимы сты 40 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 2 602, клиникон фысымуаты сты – 598 уæнгы.