Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 988 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 722 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 988 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 3 722 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 49 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 53 255 адæймагæн, сæ нымæцы – 37 264 антигены тестæй æмæ 15 991 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 7,49%, фæстаг 14 боны – 7,64%, фæстаг 7 боны – 7,15%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 894 801 цау, уыдонæй 840 985 сæнæниз сты, 12 826 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 324 131 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 10 948.
Карантины режимы сты 34 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 999, клиникон фысымуаты ис 1 151 уæнгы.