Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 958 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 3 531 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 958 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз сты ноджы 3 531 пациент.
Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 36 пациент æрбамард.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 108 690 цау, уыдонæй 89 170 снæниз сты, 1 012 та амард.
Карантины тыгъдады сты 2 137 адæймаг, стационары цæстдарды бын сты – 6 221 , ковид-фысымуатты – 3736.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Знон Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 4 048 ног цау, снæниз ис 3 856 пациент.