Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 886 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 103  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 886 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 103 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  3 886  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд  Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge .

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 4 103 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 74  пациент  амард.

Уыимæ  иумæ, веб-фарсыл публикацигонд информацийы куыд у банысангонд, уымæ гæсгæйæ,   фæстаг 24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 52 162  адæймагæн, сæ  нымæцы –  30 129  антигены тестæй  æмæ   22 033 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 7,45 %, фæстаг 14 боны –  –  9.99 %, фæстаг  7 боны – 9.36 %.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   553 697  цау, уыдонæй  497 517 сæнæниз сты, 7 482   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  – 1 210 746   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 26 201.

Карантины режимы сты 111 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 7 393 , клиникон фысымуаты сты – 2 454 уæнгы.