Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 840 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 692 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 840 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4 692 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 32 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 20 075 адæймагæн, сæ нымæцы – 14 438 антигены тестæй æмæ 5 637 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 19,13%, фæстаг 14 боны – 24,39%, фæстаг 7 боны – 19,67%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 616 159 цау, уыдонæй 1 517 856 сæнæниз сты, 16 231 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 822 060 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 992.
Стационары цæстдарды бын ис 3 424 пациент.
Знон, 1 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 6 847 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 9 003 пациент, 36 адæймаг та амард.