Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 837  ног цау сбæрæг ис, 3 105 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 837 ног цау сбæрæг ис, 3 105 пациент та снæниз ис

Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  3 837  ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстаг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 3 105 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  44 пациент  æрбамард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   194 900 цау, уыдонæй 164 786 снæниз сты, 1 883  та  амард.

Карантины  тыгъдады  сты  969 адæймаг, стационары  цæстдарды бын сты – 6 710, ковид-фысымуатты – 2 734.

Зноны бæрæггæнæнтæй,  Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  1 337 ног цау, снæниз сты  3 498 пациент.