Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 801 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 3 200 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 801 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 3 200 пациент

Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  3 801  ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл  информаци   хъусын кæны Гуырдзыстоны  низты контролы  æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды  националон центр.

Бæстæйы  фæстаг 24  сахаты мидæг  снæниз сты  ноджы 3 200 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  39  пациент  æрбамард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   118 690  цау, уыдонæй   98 781 снæниз сты, 1 124 та амард.

Карантины  тыгъдады  сты  2 071 адæймаг, стационары  цæстдарды бын сты – 6 145  , ковид-фысымуатты – 3 723.

Афтæма, фæсарæнтæй  хоскæнынмæ  Гуырдзыстонмæ  æрластой  41  æмбæстагы.