Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 697 ног цау рабæрæг ис, 2 409 адæймаг та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 697 ног цау рабæрæг ис, – уый фæдыл хицауады администрацийы ацæугæ брифингыл фехъусын кодта æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры хæдивæг Бердиа Сичъинава.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг 2 409 адæймаг снæниз ис. Фæстаг æхсæв-боны мидæг коронавирусæй рынчын 38 пациент æрбамард.
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 93 092 цау у фиксиргонд, уыдонæй 73 877 снæниз сты, 853 та амард.
Ацы этапыл бæстæйы инфицирады 18 336 активон цау ис. 5 833 адæймагæн хос кæнынц рынчындæтты, 8985 та хæдзары уæвгæйæ. 3 518 адæймаг сты ковид-фысымуатты.
Карантины режимы сты 2 186 адæймаг, æрмæст хиизоляцийы 49 047.