Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 590 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 955 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 590 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 1 955 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 67 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 39 315 адæймагæн, сæ нымæцы – 26 302 антигены тестæй æмæ 13 013 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 9,13%, фæстаг 14 боны – 5,67%, фæстаг 7 боны – 6,26%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 942 173 цау, уыдонæй 904 903 сæнæниз сты, 14 009 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 520 230 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 520.
Карантины режимы сты 48 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 394, клиникон фысымуаты ис 892 уæнгы.
Знон, 3 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 943 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 2 789 пациент, 37 адæймаг та амард.