Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 487  ног цау сбæрæг ис, 2 495   пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 487 ног цау сбæрæг ис, 2 495 пациент та снæниз ис

 

Гуырдзыстоны фæстаг  24 сахаты  дæргъы коронавирусæй      инфицирады 3 487 ног цау рабæрæг ис, 2 495  пациент та  снæниз сты – Уый фæдыл  информаци æхсæнуагдонон   координацион советимæ архайæг  операцион штабы  хистæры хæдивæг  Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы   брифингы рæстæджы  фехъусын кодта.

Бæстæйы  фæстаг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 2 495 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  39 пациент  æрбамард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   198 387 цау, уыдонæй 167 281 снæниз сты, 1 922  та  амард.

Зноны бæрæггæнæнтæй,  Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  3 837  ног цау, снæниз сты  3 105 пациент.