Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 443 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 2 539 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 443 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Снæниз сты ноджы 2 539 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 37 пациент фæхъуыд.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 89 395 цау, уыдонæй 71 468 снæниз сты, 815 та амард.
Карантины тыгъдады сты 2 370 адæймаг, стационары цæстдарды бын сты – 5 763, ковид-фысымуатты -3 435.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.