Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 436 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 805 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 436 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 1 805 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 32 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 40 377 адæймагæн, сæ нымæцы – 23 696 антигены тестæй æмæ 16 681 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 8,51%, фæстаг 14 боны – 5,87%, фæстаг 7 боны – 6,84%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 945 609 цау, уыдонæй 906 708 сæнæниз сты, 14 041 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 520 230 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 520.
Карантины режимы сты 48 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 353, клиникон фысымуаты ис 921 уæнгы.
Знон, 4 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 590 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 1 955 пациент, 67 адæймаг та амард.