Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 333 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 052 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 333 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 5 052 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 56 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 36 951 адæймагæн, сæ нымæцы – 17 772 антигены тестæй æмæ 19 179 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у 9,02 %, фæстаг 14 боны – 8,98%, фæстаг 7 боны 8,94%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 838 639 цау, уыдонæй 779 510 сæнæниз сты, 11 927 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 152 380 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6 545.
Карантины режимы сты 54 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 533, клиникон фысымуаты сты 1 150 уæнгы.