Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 221 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 990 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 221 ног цау. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны низты контролы националон центр.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 2 990 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 54 пациент амард.
Веб-фарсыл публикацигонд информацийы куыд у банысангонд, уымæ гæсгæйæ, фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 37 717 адæймагæн, сæ нымæцы – 24 507 антигены тестæй æмæ 13 210та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 8,54%, фæстаг 14 боны – 7,58%, фæстаг 7 боны – 7,44 %.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 585 036 цау, уыдонæй 548 951 сæнæниз сты, 8 287 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 1 534 111 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 26 125.
Карантины режимы сты 78 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 882, клиникон фысымуаты сты 1 539 уæнгы.
13 сентябры уавæрæй, Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 946 ног цау, сæнæниз ис ноджы 4 351 пациент, 48 пациент та амард.