Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 216 ног цау сбæрæг ис, 3 937 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 216 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры хæдивæг Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы брифингы рæстæджы.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 3 937 пациент.
Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 37 пациент æрбамард.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 135 584 цау, уыдонæй 113 986 снæниз сты, 1 267 та амард.
Карантины тыгъдады сты 2 104 адæймаг, хиизоляцийы сты 52 822 æмбæстаг, 6 383 стационары цæстдарды бын сты, ковид-фысымуатты – 3 857.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Знон Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 426 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 3 721 пациент.