Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 141 ног цау сбæрæг ис, снæниз ис 1 509 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 141 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 509 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 20 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст уагъд уыд 40 553 адæймагæн, сæ нымæцы – 23 242 антигены тестæй æмæ 17 311 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон 7,75%, фæстæг 14 боны – 6,28%, фæстæг авд боны – 6,92%.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 432 795 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 14 210.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 410 830 цау, уыдонæй 377 597 снæниз сты, 5 751 та амард.
Карантины режимы сты 64 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 256, клиникон фысымуаты сты – 1 798 уæнгы.