Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 064   ног цау сбæрæг ис, 3 740 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 064 ног цау сбæрæг ис, 3 740 пациент та снæниз ис

Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  3 064  ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстаг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 3 740 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  42  пациент  æрбамард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   212 526  цау, уыдонæй 188 408  снæниз сты, 2 182 та  амард.

Карантины  тыгъдады  сты  470 адæймаг, стационары  цæстдарды бын сты – 6 358, ковид-фысымуатты – 1671.

Фæсарæнтæй  хоскæнынмæ æрластой  Гуырдзыстоны 41 æмбæстагы.