Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 298 ног цау сбæрæг ис, 1 311 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 298 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци фехъусын кодта æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг оперативон штабы хистæры хæдивæг, Бердиа Сичъинава, хицауады администрацийы лæвæрд брифингы рæстæджы.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 311 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 16 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 6 868 адæймагы, сæ нымæцы 2 686 басгæрстой антигены тестæй æмæ 4 182та «PCR» тестæй.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 253 816 цау, уыдонæй 243 396 снæниз сты, 3 071 та амард.