Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 268  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 233 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 268 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 233 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  268  ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 233   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  5  пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй  басгæрстой   26 399  адæймагы, сæ  нымæцы,  17 012 антигены тестæй  æмæ   9 387 та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 1,02%,  фæстæг 14 боны – 1,51 %, фæстæг авд боны – 1, 46 %.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   274 989  цау, уыдонæй  268 237  снæниз сты, 3 648  та  амард.

Карантины режимы сты 251  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 338, клиникон фысымуаты сты 136  уæнгы.