Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 26 320 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 9 555 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 26 320 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 9 555 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  26 320    ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 9 555    пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 44 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  84 658  адæймагæн, сæ  нымæцы –  59 912  антигены тестæй  æмæ   31 746 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 31,09%, фæстаг 14 боны –  23,4%, фæстаг  7 боны  – 26,38%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 226 444   цау, уыдонæй  1 030 065  сæнæниз сты, 15 060   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 730 067   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6 714.

Карантины режимы сты 34 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 522, клиникон фысымуаты ис  2 041  уæнгы.

Знон, 1 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  24 201  ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  10 732  пациент, 36 адæймаг та  амард.