Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 25 161 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 16 789  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 25 161 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 16 789 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  25 161   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 16 789   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 51 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  72 587  адæймагæн, сæ  нымæцы –  47 032  антигены тестæй  æмæ   25 555 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 34,66%, фæстаг 14 боны –  29,26%, фæстаг  7 боны  – 32,45%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 375 615    цау, уыдонæй  1 141 231   сæнæниз сты, 15 351   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 759 753   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 3 566.

Карантины режимы сты 41 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 036, клиникон фысымуаты ис  1 901  уæнгы.

Знон, 8  февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  24 616     ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  18 221  пациент, 54 адæймаг та  амард.