Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 240 ног цау сбæрæг ис, 681 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 240 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 681 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 16 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 9 056 адæймагы, сæ нымæцы 5 490 басгæрстой антигены тестæй æмæ 3 566 та «PCR» тестæй.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг сты коронавирусæй инфицирады 258 351 цаутæ, уыдонæй 249 709 снæниз сты, 3 194 та амард.
Карантины режимы сты 474 адæймаг, стационары цæстдарды бын 2 676, клиникон фысымуаты сты 268 уæнгы.
Афтæма 31 январы уавæрæй, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 479 ног цау, снæниз сты 491 пациенты.