Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 24 201  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 10 732  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 24 201 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 10 732 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  24 201   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 10 732     пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 36 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  85 191    адæймагæн, сæ  нымæцы –  61 936 антигены тестæй  æмæ   23 255  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 28,41%, фæстаг 14 боны –  21,96%, фæстаг  7 боны  – 24,96%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 200 124    цау, уыдонæй  1 020 510   сæнæниз сты, 15 016  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 722 187  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 8 371.

Карантины режимы сты 33 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 454, клиникон фысымуаты ис  2 031 уæнгы.

Знон, 31 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  13 150 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  8 503 пациент, 35 адæймаг та  амард.