Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 234 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 349 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 234 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 349 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 9 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй басгæрстой 15 919 адæймагы, сæ нымæцы, 6 210 антигены тестæй æмæ 9 709 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 1,47 %, фæстæг 14 боны – 1,55%, фæстæг авд боны – 1,56 %.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 272 851 цау, уыдонæй 266 693 снæниз сты, 3576 та амард.
Карантины режимы сты 307 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 410, клиникон фысымуаты сты 133 уæнгы.
Уыимæ иумæ 6 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 355 ног цау рабæрæг ис, снæниз сты 91 пациент.