Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 204 ног цау сбæрæг ис, 736 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 204 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 736 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 15 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 6 593 адæймагы, сæ нымæцы, 3 887 басгæрстой антигены тестæй æмæ 2 706 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 3,09%, фæстаг 14 боны 3,84%, фæстаг авд боны – 3,69%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг сты коронавирусæй инфицирады 262 228 цаутæ, уыдонæй 254 350 снæниз сты, 3 298 та амард.
Карантины режимы сты 446 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 2 229 , клиникон фысымуаты сты 295 уæнгы.
Афтæма, 7 февралы, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 404 ног цау, снæниз сты 799 пациенты.