Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 20 ног цау рабæрæг ис, ноджы фараст пациент снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 20 ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны низты контролы националон центр.
Фæнысангонд бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1568 цау. Сæнæниз ис ноджы фараст пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 1279.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 19 пациент. Карантины режимы сты 6 185 æмбæстаг, стационары цæстдарды бын та – 215.