Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 981  ног цау сбæрæг ис, 2 001 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 981 ног цау сбæрæг ис, 2 001 пациент та снæниз ис

Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  2 981  ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстаг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 2 001 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  31 пациент  æрбамард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   201 368  цау, уыдонæй 169 282 снæниз сты, 1 953  та  амард.

Карантины  тыгъдады  сты  471 адæймаг, стационары  цæстдарды бын сты – 6 758, ковид-фысымуатты – 2 247.

Афтæма 16 декабры  бæрæггæнæнтæй,  Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  3 487  ног цау, снæниз сты  2 495 пациенты.