Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 953 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 085 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 953 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 1 085 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 31 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 25 745 адæймагæн, сæ нымæцы – 15 240 антигены тестæй æмæ 10 505 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 11,47%, фæстаг 14 боны – 7,76%, фæстаг 7 боны – 9,57%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 962 827 цау, уыдонæй 913 528 сæнæниз сты, 14 218 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 553 749 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 899.
Карантины режимы сты 69 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 409, клиникон фысымуаты ис 1 694 уæнгы.
Знон, 9 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 842 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 777 пациент, 31 адæймаг та амард.