Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 927 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 2 470 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 927 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Снæниз сты ноджы 2 470 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 24 пациент фæхъуыд.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 60 680 цау, уыдонæй 45 042 снæниз сты, 499 та амард.
Стационары цæстдарды бын сты 4 780. Ковид-фысымуатты уæвæг адæмы нымæц у 2 879.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Знон Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 943 цау, снæниз ис 1 833 пациент.