Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 922 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 999 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 922 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4 999 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 36 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 35 841 адæймагæн, сæ нымæцы – 19 939 антигены тестæй æмæ 15 902 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 8.15%, фæстаг 14 боны – 7.88%, фæстаг 7 боны – 7.42%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 889 286 цау, уыдонæй 832 675 сæнæниз сты, 12 731 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 308 497 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6 817.
Карантины режимы сты 37 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 142, клиникон фысымуаты ис 1 193 уæнгы.