Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 911 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 2 421 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 911 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 2 421 пациент

Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  2 911  ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл  æхсæнуагдонон  координацион  советимæ архайæг операцион штабы   хистæр Александре  Ходжеванишвили,  хицауады   администрацийы  лæвæрд брифингыл   райхъусын кодта.

Фæстаг 24  сахаты мидæг   снæниз сты  ноджы 2 421 пациент.  Фæстаг æсхæв-боны дæргъы,  коронавирусæй рынчын 45 пациент амард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   66 561  цау, уыдонæй   49 811 снæниз сты, 566 та амард.

Абоны уавæрæй,   хиизоляцийы  сты  39 721 адæймаг, карантины  тыгъдады та  2 656 адæймаг.

Афтæма, фæсарæнтæй  хоскæнынмæ  Гуырдзыстонмæ  æрластой  41  æмбæстагы.