Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 783 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 450 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 783 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 5 450 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 32 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 17 693 адæймагæн, сæ нымæцы 14 798 антигены тестæй æмæ 2 895 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 15,73%,, фæстаг 14 боны – 19,45%, фæстаг 7 боны – 16,6%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 629 065 цау, уыдонæй 1 568 064 сæнæниз сты, 16 430 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 827 683 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 332.
Знон, 7 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 910 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 8 081 пациент, 32 адæймаг та амард.