Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 676 ног цау сбæрæг ис, снæниз ис 4 119 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 676 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 4 119 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 30 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 25 730 адæймагæн, сæ нымæцы – 13 637 антигены тестæй æмæ 12 093 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон 10,4%, фæстæг 14 боны – 10,47%, фæстæг авд боны – 11,09%.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 806 681 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 14 784.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 484 254 цау, уыдонæй 425 651 снæниз сты, 6 436 та амард.
Карантины режимы сты 76 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 986, клиникон фысымуаты сты – 3 463 уæнгы.