Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 676  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 966 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 676 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 966 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 676   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 966   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 63  пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  42 77 адæймагæн, сæ  нымæцы –  28 677  антигены тестæй  æмæ   14 095  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 6,26%, фæстаг 14 боны –  5,74%, фæстаг  7 боны  – 5,02%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   928 030  цау, уыдонæй  888 022 сæнæниз сты, 13 646       та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 481 500  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 13 377.

Карантины режимы сты 42адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 951, клиникон фысымуаты ис  857  уæнгы.

Знон, 27  декабры, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  986   ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  3 193 пациент, 71 адæймаг та  амард.