Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 654 ног цау сбæрæг ис, снæниз ис 1 319 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 654 ног цау сбæрæг ис, снæниз ис 1 319 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 654 ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 1 319 1пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 33   пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст уагъд уыд 31 806   адæймагæн, сæ  нымæцы –  17 708  антигены тестæй  æмæ   14 098 та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон 8,34%,  фæстæг 14 боны – 6,95%, фæстæг авд боны – 7,57%.

Бæстæйы масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  – 495 381 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 13 792.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   422 188 цау, уыдонæй  384 712 снæниз сты, 5 853 та  амард.

Карантины режимы сты 49,  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 881, клиникон фысымуаты сты – 2 038 уæнгы.