Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 533 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 762 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 533 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады специалон веб-фарс stopcov.ge – ыл .
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 1 762 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 57 пациент амард.
Веб-фарсыл публикацигонд информацийы куыд у банысангонд, уымæ гæсгæйæ, фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 34 383 адæймагæн, сæ нымæцы – 19 987 антигены тестæй æмæ 14 396 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 7,37%, фæстаг 14 боны – 8,09%, фæстаг 7 боны – 7,5%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 579 031 цау, уыдонæй 536 321 сæнæниз сты, 8 146 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 1 467 065 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 25 132.
Карантины режимы сты 87 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 214, клиникон фысымуаты сты 1 780 уæнгы.