Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 515 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 829 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 515 ног цау. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны низты контролы националон центр.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 2 829 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 60 пациент амард.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады бæрæггæнæнтæ ахæм сты: фæстаг 14 боны – 7.61%, фæстаг 7 боны – 7.32%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 587 551 цау, уыдонæй 551 780 сæнæниз сты, 8347 та амард.
14 сентябры уавæрæй, Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 221 ног цау, сæнæниз ис ноджы 2 990 пациент, 54 пациент та амард.