Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 455 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 427 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 455 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны низты контролы националон центры веб-фарсыл.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4 427 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 58 пациент амард.
Веб-фарс stopcov.ge -л публикацигонд информацийы куыд у банысангонд, уымæ гæсгæйæ, фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 36 151 адæймагæн, сæ нымæцы – 19 693 антигены тестæй æмæ 16 458 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6,79%, фæстаг 14 боны – 8.48 %, фæстаг 7 боны – 7,69%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 572 948 цау, уыдонæй 531 764 сæнæниз сты, 8 035 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 1 405 877 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 24 670 .
Карантины режимы сты 85 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 417, клиникон фысымуаты сты 2 032 уæнгы.