Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 415 ног цау сбæрæг ис, снæниз ис 943 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 415 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 943 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 26 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст уагъд уыд 37 627 адæймагæн, сæ нымæцы – 21 135 антигены тестæй æмæ 16 492 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон 6,42 %, фæстæг 14 боны – 5,03 %, фæстæг авд боны – 5,53 %.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 374 68 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6 586.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 393 360 цау, уыдонæй 368 073 снæниз сты, 5 618 та амард.
Карантины режимы сты 70 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 584, клиникон фысымуаты сты – 1 183 уæнгы.