Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 401 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 2 289 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 401 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæр , Александре Ходжеванишвили райхъусын кодта хицауады администрацийы арызт брифингыл.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 49 218 цау. Снæниз сты ноджы 2 289 пациент æмæ сæ æмтгæйон нымæц у 33 459.
Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 20 пациент фæхъуыд. Æмтгæй райсгæйæ, бæстæйы вирусæй фæрынчынуæвæг 401 адæймаг амард.
Карантины режимы сты 3 004 æмбæстаг, стационары цæстдарды бын сты 4 355 адæймаг. «Ковид»-фысымуаты уæвæг уæнгты нымæц та у 2 428. Фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Знон Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 295 цау, снæниз ис 2 537 пациент.