Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 354 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 200 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 354 ног цау. Уый фæдыл информаци хъусын кæны низты контролы националон центр.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 5 200 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 60 пациент амард.
Веб-фарс stopcov.ge–ы бæрæггæнæнтæй, ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 22 875 адæймагæн, сæ нымæцы – 12 208 антигены тестæй æмæ 10 667 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 10,29%, фæстаг 14 боны – 10,94%, фæстаг 7 боны – 10,8%.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 979 813 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 17 670.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 517 098 цау, уыдонæй 453 488 снæниз сты, 6 831 та амард.
Карантины режимы сты 125 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 7 400, клиникон фысымуаты сты – 3 346 уæнгы.