Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 316 ног цау сбæрæг ис, снæниз сты 382 пациенты
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 316 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 382 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 18 пациент æрбамард.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 232 079 цау, уыдонæй 22 2787 снæниз сты, 2 646 та амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 14 511 адæймагы, сæ нымæцы 9 300 басгæрстой антигены тестæй æмæ 5 211 та «PCR» тестæй.
Карантины тыгъдады сты 377 адæймаг, стационары хъусдарды бын сты 4012 адæймаг, ковид-фысымуæтты та 763 пациент.
Фæсарæнтæй хоскæнынмæ æрластой Гуырдзыстоны 41 æмбæстагы.
Афтæма 4 январы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронаирусæй инфицирады 594 ног цау, 1963 пациент та снæниз ис.