Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 262 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 795 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 262 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады специалон веб-фарс stopcov.ge – ыл .
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 2 795 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 54 пациент амард.
Веб-фарсыл публикацигонд информацийы куыд у банысангонд, уымæ гæсгæйæ, фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 34 225 адæймагæн, сæ нымæцы – 19 047 антигены тестæй æмæ 15 178 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6,61%, фæстаг 14 боны – 8,27%, фæстаг 7 боны – 7,42%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 575 210 цау, уыдонæй 534 559 сæнæниз сты, 8 089 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 1 433 296 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 24 325 .
Карантины режимы сты 84 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 327, клиникон фысымуаты сты 1 918 уæнгы.